ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Хӕдтулгӕтӕ "Лада Приора" ӕмӕ "Ауди" сӕмбӕлдысты Дзӕуджыхъӕумӕ бахизӕны, дыууӕ шофыр дӕр фӕмард сты бынаты. Цӕгат Ирыстоны полици уадзы сгарӕн куыст, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
"Знон изӕры 18:20 сахатыл паддзахадон автоинспекцимӕ бацыд хъусинаг фӕндагон-трансортон цауы фӕдыл, кӕцы рцыд Дзӕуджыхъӕумӕ бацӕуӕны 6-ӕм километры. Бынатмӕ бацыдысты автоинспекцийы разамынад",- банысан кодтой уагдоны.
Бӕлвырд ӕрцыд, "Лада Приора"-йы 36-аздзыд шофыр, кӕцы цыд Дзӕуджыхъӕуӕй Беслӕнмӕ, нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд хӕдулгӕ "Ауди"-йыл, кӕцы рахызт фӕндаджы ныхмӕлӕууӕг хаххмӕ. Дыууӕ шофыр дӕр фӕмард сты тагъд ӕххуысы службӕйы бацыдмӕ.
Полици райдыдта сгарӕн куыст цауы фӕдыл.
© МВД РФ по РСО-АланияДзӕуджыхъӕумӕ бацӕуӕны аварийы фӕмард ис дыууӕ адӕймаджы
Дзӕуджыхъӕумӕ бацӕуӕны аварийы фӕмард ис дыууӕ адӕймаджы