ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Æз хъæддыхæй сидын Республика Хуссар Ирыстоны хицауадмæ æмæ барадхъахъхъæнæг органты разамонджытæм, цæмæй фæхоной сæхимæ Дзабиты Иналы мад, бинонты, мыггаджы хистæрты æмæ æргомæй баныхас кæной иумæ цы гæнгæ у дарддæр, ууыл, хъусын кæны "Стыр ныхас"-ы сайт Кучиты Русланы хъусинаг.
"Цыфæнды быцæуæн дæр ис æрмæстдæр иу хорз мадзал алыг кæнынæн - æргом æмæ комкоммæ ныхас кæрæдзийы ныхмæ 'рбадгæйæ, кæрæдзийы цæстытæм кæсгæйæ. Кæмæн æмбæлы, уыдон хъуамæ дзыллон информацион фæрæзты фæрцы адæмæн иудадзыг æмбарын кæной хъуыддагмæ æркасты уавæр, цæмæй адæм дам-думтæй ма кæной сæ хатдзæгтæ; - кæд ныры рæстæг алы паддзахад дæр йæ закъонтæм гæсгæ цæры, уæддæр ирон адæмæй сæ фыдæлты Фарн æмæ Æгъдау абон дæр хъуамæ рох ма уой. Уыдоны фæрцы ис райхалæн бирæ здыхт къуыбылойтæ. Мыггæгты хистæртæ æмæ æхсæнады кадджын лæгтæ сæхимæ хъуыддагмæ Æгъдауы бындурыл æркæсыны æмæ бафидауыны хæс куы райсиккой, уæд уый æнæмæнг хорз фæахъаз уаид", - дзырдæуы сæ хъусинаджы.
"Кæд уым ис хицæн хæдбар паддзахад, уæддæр махæн ирон адæм сты иу, æмæ Цхинвалы цаутæ Дзæуджыхъæуы дæр адæмы тынг тыхсын кæнынц. Уыимæ ма дзы уыцы фыдракæнды иуæй-иутæ архайынц политикон мидис бавæрыныл, æмæ уый хорзмæ никæй 'ркæндзæн. Адæмы дæр æмæ хицауады дæр бамбарын хъæуы, ахæм карз хъуыддæгтæ горæты фæзты æмæ митингты алыг кæнæн нæй, уыцы хуызы уавæр ноджы карздæр кæны", - дзырдæуы тексты.
Уым ма ис æрсидт, цæмæй уавæр знæгты фæндиаг ма фæуа.