Хуссар Иры МХМ уадзы рейдтӕ контрафактон пиротехникӕ уӕй кӕнын ма уадзыны фӕдыл

© Sputnik / Николай Хижняк /  Ахизын медиабанкмæПродажа пиротехники в Краснодаре
Продажа пиротехники в Краснодаре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуканиты уӕйгӕнджыты бафӕдзӕхстой пиротехникон ӕрмӕджытӕ уӕй кӕнын кӕй нӕй гӕнӕн, уый фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik. Ног азы агъоммӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ райдыдтой рейдон мадзӕлттӕ ӕнӕзаконон пиротехникӕ сбӕрӕг кӕнын фӕдыл.

Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуканиты уӕйгӕнджыты бафӕдзӕхстой пиротехникон ӕрмӕджытӕ уӕй кӕнын кӕй нӕй гӕнӕн, уый фӕдыл, афтӕ ма сын фехъусын кодтой бӕрндзинады тыххӕй, кӕцы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн.

"Рейдон мадзӕлттӕ уагъд цӕудзысты ӕппӕт республикӕйы ногазон бӕрӕгбонты кӕронмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, мадзӕлттӕ здӕхт сты ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕнынмӕ ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0