Токаты Зауырбег: ме 'хсæнадон позици мæ куыстыл не 'ндавы

Рафыссын
Цæгат Иыстоны Тæбæхсауты Балойы номыл академион театры актер Токаты Зауырбег радио Sputnik эфиры радзырдта йæ активон æхсæнадон позицийы тыххæй
Токаты Зауырбег: ме 'хсæнадон позици мæ куыстыл нæ æндавы

Цæгат Ирыстоны театры актер Токаты Зауырбег у курдиатджын æвзонг лæппу. Фæлæ ма йæ сценæмæкæсджытæ зонынц ноджы куыд активон æхсæнадон позицийыл хæст адæймаг, афтæ дæр. Зауырбег дзуры, уый йæ куыстыл кæй нæ æндавы.

"Нæхи афтæ куы дарæм, ома проблемæ нæй, уæд нæ уавæр нæхæдæг уæззаудæр кæнæм", - загъта Токаты Зауырбег.

Токаты Зауырбег куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йæ хæсыл нымайы фарст раттын алы бæрнон адæймагмæ дæр.

"Æвзæрæй дзы ницы уынын, æмæ алы ирон адæймагмæ дæр хатын, цæмæй æргомæй дзурой сæ æхсæнадон позицитыл", - бафиппайдта Зауырбег.

Зауырбег банысан кодта, алкæмæн дæр йæ хъуыды æргомæй дзурыны бар кæй ис, уый стыр хъуыддагыл кæй нæ нымайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0