ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн дыккаг музыкалон преми "Ӕрфӕныфӕд" раттыны цытджын церемони ног азы ӕхсӕв паддзахадон телеуынынады эфиры, фехъусын кодта Sputnik уагдоны кусӕг, проекты къухдариуӕггӕнӕг Козаты Дзерассӕ.
Алӕвӕрд цӕудзӕн ӕртӕ сахаты бӕрц.
"Эстрадон зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон коллективтӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй ралӕудзысты сӕ номыртимӕ. Алӕвӕрды фӕлгӕтты уыдзӕн Бекъойты Ванойы ног зарӕджы премьера ӕмӕ ансамбль"Симд"-ы номыртӕ. Номинанты нымӕцы ис цӕгатирыстойнаг артисттӕ", - радзырдта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, лауреаттӕ хорзӕхтӕ райсдзысты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр номинациты.
"Фӕлтӕрд ӕмӕ ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ хорзӕх цӕудзысты хицӕн номинациты. Лауреаттӕ ӕвзарыны хъуыддаджы стыр хъусдард здӕхт цӕуы ирон культура ӕмӕ ӕвзаджы райрӕзтмӕ. Музыкалон номырты фылдӕр бӕрц уыдзысты мадӕлон ӕвзагыл", - бафтыдта Козаты Дзерассӕ.
Музыкалон телеуынынады преми "Ӕрфӕныфӕд"-ӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2019 азы, йӕ саразыны хъӕппӕрис равдыстой ПТРК-йы кусджытӕ Бестауты Юлия ӕмӕ Мамиты Григорий.