Коронавирусы эпидеми Хуссар Ирыстоны куы стынг ис, уæд се 'ххуысы къух фæдаргъ кодтой Цæгат Ирыстонæй æвзонг адæмы иу къорд. Токаты Зауырбег радзырдта, хæрзаудæн акцитæн сын кæй баххуыс кодтой ирон адæм, кæцытæ цæрынц республикæйы æддейæ.
"Мæскуыйæ бирæ фервыстой æххуыс, чи сты, уый зонгæ дæр нæ кæнын, сæхи нæ æргом кодтой. Хардзгæнæн æрмæджытæ цы уыд, уыдон иууылдæр сты уыдон æлхæд", - загъта уый.
Заурбеджы нæхæстæм гæсгæ, кæд хосты аргъ бæрæг фæфылдæр, уæддæр сын адæм æххуыс кодтой уыдон æлхæнынæн дæр.
"Хъуыд фæкæсын, æмæ фæкастыстæм. Цыппар акци уыдысты - Къуаисамæ, Цхинвалмæ, Ленингормæ æмæ Знауырмæ", - банысан кодта Токаты Зауырбег.
Лæппу ма бафиппайдта, æрæджы сæм кæй бахатыдысты Европæйы цы ирæттæ цæрынц уыдон дæр, фæнды сæ баххуыс кæнын æмæ та æвæццæгæн ног хæрзаудæн акци сараздзысты Ирыстоны хуссар хаймæ.