Хъамболты Тамерлан: скъолаты дыгурон диалект ахуыр кæныны фæнд бирæты бафтыдта катайы

© Из личного архива Т.Камболова Хъамболты Тамерлан
Хъамболты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыгурон диалектыл ахуыр кæнын цæмæннæ бантыст Джæуджыхъæуы скъолаты, уый тыххæй радио Sputnik эфиры радзырдта профессор Хъамболты Тамерлан
Хъамболты Тамерлан: скъолайы дыгурон диалектыл ахуыр кæныны фæнд бирæты катайы бафтыдта

Дзæуджыхъæуы 2020 азы сентябрæй цыппар скъолайы хъуамæ райдыдтаиккой ахуыр кæнын ирон æвзаг дыгурон литературон формæйы. Ацы эксперименты инициатор уыд Хъамболты Тамерлан. Профессор куыд загъта, уымæ гæсгæ ацы эксперимент бирæты бафтыдта катайы.

"Диссаг мæм фæкаст, цыхуызæн реакци уыд уыцы хъуыдыйæн, уый. Суанг ма йæ схуыдтой сепаратистон хъуыды дæр", - загъта Тамерлан.

Ацы хъуыддагыл чи нæ сразы ис, удонæн Тамерлан сæ зæрдыл æрлæууын кодта, дыгурон диалект, куыд мадæлон, афтæ кæй ахуыр кæнынц Дыгуры æмæ Æрæфы районы. Ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы цы дыгурон бинонтæ цæрынц, уыдонæн хъуамæ уа фадат сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн.

"Сывæллон хæдзары дыгуронау куы дзура, скъолайы та иронау куы райдайа ахуыр кæнын, уæд иу диалектæй дæр нæ фæхай уыдзæн", - банысан кодта Хъамболты Тамерлан.

Кæд æмæ дыгурон диалектыл ахуыр кæныны фадат уыд скъоладзаутæн, уæддæр Тамерлан куыд загъта, уымæ гæсгæ ныййарджыты æхсæн нæ разынд фæндондзинад, цæмæй сæ сывæллæттæ ахуыр кæной ирон æвзаг дыгурон формæйыл.

Лæмбынæг дæр хъусут нæ аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0