Уӕрӕсейаг мобилон ковид-госпиталь ацыд Хуссар Ирӕй сӕ дислокацийы бынатмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейаг мобилон ковид-госпиталь
Уӕрӕсейаг мобилон ковид-госпиталь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Госпиталь уыд республикӕйы дыууӕ мӕймӕ ӕввахс, ацы рӕстӕгмӕ ӕфсӕддон медиктӕ схос кодтой 200-йӕ фылдӕр пациентӕн коронавирусы диагнозимӕ, сарӕзтой цалдӕр мин иртӕсты, ӕфсӕдты специалисттӕ та ауагътой социалон ӕмӕ инфраструктурӕйы объектты дезинфекци

ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталь сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ майрӕмбоны райсом раджы ацыд Цхинвалӕй сӕ дислокацийы бынатмӕ Алабиномӕ, хъусын кӕны УФ Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Диссаджы хъарм ахаст: Цхинвалы цӕрӕг уӕрӕсейаг ковид-госпиталы хоскӕнынады тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Диссаджы хъарм ахаст: Цхинвалы цӕрӕг уӕрӕсейаг ковид-госпиталы хоскӕнынады тыххӕй

Хуссар ӕфсӕддон зылды банысан кодтой, ӕфсӕддон медиктӕ кӕй схос кодтой 200-йӕ фылдӕр пациентӕн коронавирусы диагнозимӕ, сарӕзтой цалдӕр мин иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, амбулаторон-консультативон ӕххуыс бакодтой 1,5 мин адӕймагӕн.

"Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн ӕххӕст ӕххуыс бакодтой коронавирусы ныхмӕ тохы. Афтӕ ма арӕзт ӕрцыдысты инструменталон иртӕстытӕ: рентгенограмма, кардиограмма ӕмӕ туджы анализтӕ. Пациентты хоскӕнынады проблемӕты рӕстӕджы бынӕттон хицауад нын ӕххуыс кодта", - фехъусын кодта мобилон госпиталы инфекцион хайады хистӕр, медицинон службӕйы капитан Игорь Гришин.

Мобилон госпиталы колоннӕ ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 2020 азы 27 октябры республикӕйы къухдариуӕгады ӕрхуындӕй, цӕмӕй баххуыс кӕной коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн.

Дыккаг бон уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ сӕвӕрдтой Цхинвалы республикон стадионы мобилон госпиталь 100 бынатӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0