Уӕрӕсейы минӕварады Хуссар Иры ацыд уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конференцийы дзырд цыд республикӕйы цӕрӕг уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты организациты архайд сфидар кӕныныл ӕфсымӕрон адӕмты хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады сӕраппонд

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцыд республикӕйы цӕрӕг уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци. Мадзал ацыд уӕрӕсейаг минӕварады Цхинвалы.

Уазджыты раз ралӕууыд уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов, кӕцы банысан кодта уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты организациты продуктивон архайд.

Уый ма банысан кодта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты ассоциацийы куыст дӕр ӕмӕ сын бузныг загъта Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕвзаг ӕмӕ культурӕ парахат кӕныны хъуыддагмӕ сӕ хайбавӕрды тыххӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
Уӕрӕсейы минӕварады Хуссар Иры ацыд уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци

Уӕрӕсейаг минӕвар схорзӕхджын кодта грамотӕтӕй активисты, кӕцытӕ хайад истой ацы аз июлы Уӕрсейы конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсӕппӕрст бацӕттӕ кӕныны  хъуыддаджы.

Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ма раныхас кодта ӕхсӕнадон организаци "Союз российских граждан РЮО"-йыфӕсивӕдон къабазы сӕргълӕууӕг Харебаты Марта.

"Ацы мадзал у уникалон фадат курдиатджын фӕсивӕдӕн сӕ нывӕзттӕ ӕмӕ фндтӕ раргом кӕнынӕн", - банысан кодта уый.

Уый фӕстӕ бакӕнгӕ куыстытӕн хатдзӕгон доклад бакаст организацийы минӕвар Наталья Жуйкова, уый радзырда фӕстаг дыууӕ азы дӕргъы бакӕнгӕ куыстыты тыххӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
1/3
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
2/3
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци
3/3
Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци

Конференци уагъд фӕцӕуы алы дыууӕ азы дӕр, уыимӕ ма равзарынц уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты координацион советы сӕргълӕууӕджы. Ӕрӕмбырдуӕвджыты иумӕйаг хъӕлӕсӕппӕрстӕй ныр та ӕхсӕнады сӕргъ слӕууыд Светлана Катаева. Уый ацы бынаты раивта Наталья Жуйковайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0