ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлы ӕрыгон техникты станцы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ бавдыстой сӕ куыстытӕ Дзӕуджыхъӕуы уагъд цӕуӕг ӕрмдӕснытӕ армукъамӕ. Ахуырадон уагдон фыццаг хатт райста хайад ӕвылазон мадзалы, фехъусын кодта Sputnik йӕ директор Калаты Нариман.
"Райстам хуынд мадзалы организатор портал "Хиконд"-ӕй. Ӕз ӕмӕ станцы ахуыргӕнӕг Цхуырбаты Роланд ахастам нӕ ахуырдзауты ӕмӕ нӕхи куыстытӕ. Мадзал рацыд тынг цымыдисон, хъыгагӕн сывӕллӕты скӕнын нӕ бон не ссис",- загъта директор.
Уый ма бафиппайдта, ӕрмдӕсниадтӕ тынг размӕцыд сты Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, къухджын адӕмы хондзыстӕм Цхинвалмӕ.
"Ӕрмдӕсниадтӕ уым тынгдӕр сты размӕцыд. Уыдон архайынц царм, хъӕдӕрмӕг ӕмӕ керамикаимӕ. Мах сӕ хондзыстӕм мастер-класстӕм нӕхимӕ",- бафтыдта уый.
Йӕ ныхӕстӕ гӕсгӕ, уалдзӕджы фӕнд кӕнынц ауадзын Цхинвалы ӕрмдӕсныты армукъа-равдыст.
© Photo : Facebook/Nariman KalaevЦхинвайлаг ӕрмдӕснытӕ бафтыдтой сӕ куыстӕ Дзӕуджыхъӕуы армукъамӕ

Цхинвайлаг ӕрмдӕснытӕ бафтыдтой сӕ куыстӕ Дзӕуджыхъӕуы армукъамӕ
© Photo : Facebook/Nariman Kalaev