Сусӕг хӕрзгӕнджытӕ: Цхинвалы ӕххуысхъуаг бинонты зӕнӕгӕн радтой ногазон лӕвӕрттӕ

© Sputnik / из архива Лали ГатаевойЦхинвалы ӕххуысхъуаг бинонты зӕнӕгӕн радтой ногазон лӕвӕрттӕ
Цхинвалы ӕххуысхъуаг бинонты зӕнӕгӕн радтой ногазон лӕвӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ногазон лӕвӕрттӕ райстой æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хъусдарды бын чи бахауд, уыцы бинонты зæнæг

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕххуысхъуаг бинонты зӕнӕгӕн ногазон лӕвӕрттӕ самал кодта сусӕг хӕрзгӕнӕг, фехъусын кодтай Sputnik Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хистӕр, булкъон Гатайты Лали.

Лӕвӕрттӕ байуӕрстой сӕ хицӕуттыл къуырисӕры.

"Бафӕндыд мӕ бузныг зӕгъын ацы адӕймагӕн, кӕцыйы фӕндыд ног азы къӕсӕрыл ӕрхӕссын чысыл хорздзинад сабитӕн, афтӕмӕй нӕ раргом кодта йӕ ном дӕр",- загъта Гатайты Лали.
Ногазон Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цӕрджытӕ ногазон бӕрӕгбӕтты баулӕфдзысты дӕс боны

Уый ма бафтыдта, 26 тыхтон радтой сӕ хицӕуттӕн.

"Фылдӕр бӕрцӕй нӕ инспекцийы хъусдарды бын чи бахаудт, уыцы бинонты зӕнӕг райстой ногазон лӕвӕрттӕ",- бафтыдта уый.

Сусӕг хӕрзгӕнджытӕ ма ногазон лӕвӕрттӕ районон ӕнахъомты хайадтӕм дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0