Цхинвайлаг армрестлер ӕмӕ каратисткӕ райстой бӕрзонд спортивон нӕмттӕ

© Sputnik / Наталья Айриян"Олимп"
Олимп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрзонд номӕй Гасситы Сосланы рахицӕн кодтой фӕстаг аз Уӕрӕсейы чемпионаты уӕлахиз, афтӕ ма дунейы ӕмӕ европӕйаг ӕмвӕзады дыккаг призон бынӕтты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ ӕрмхӕцӕг Гасситы Сослан райста ӕхсӕнадӕмон классы спорты мастеры ном. Цхинвайлаг спортсмен бӕрзонд хорзӕх райста фӕстаг азы йӕ спортивон уӕлахизты фӕстиуӕгӕн.

Дыууӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад

Хуссар Ирыстоны ног истори азы спорты хуызы ӕхсӕнадӕмон классы спорты мастер ном райста ӕрмӕстдӕр дӕр Коцты Дмитрий, кӕцы уыд лӕппуйӕн йӕ фыццаг тренер.

"Ног азы ӕрбацыд уый бӕрц нӕ хъары, фӕлӕ йӕ къӕсӕрыл ахӕм бӕрзонд хорзӕх райсын ӕхсызгон у. Стӕй ма ахӕм хорзӕхтӕ стӕмтӕн ис, уӕлдайдӕр Хуссар Ирыстоны", - загъта Sputnik Гасситы Сослан.

Уый ма бафтыдта, ацы хорзӕх ын кӕй радтой азы дӕргъы йӕ куысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ.

"Ӕнхъӕл уыдтӕн. Ӕхсӕнадӕмон спорты мастеры ном лӕвӕрд цӕуы ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзады ерысты фӕстиуӕгӕн. 2019 азы рамбылдтон Уӕрӕсейы чемпионат ӕмӕ райстон дуне ӕмӕ Европӕйаг ерысты ӕвзист майдантӕ", - бафтыдта уый.

Азы кӕрон ма ныллӕгдӕр ӕмвӕзады ном райста кӕстӕр кары спортсменкӕ - каратисткӕ Тадтаты Софья.

"Спортивон разряд - "Кандидат в мастера спорта" райста Тадтаты Софья. Уый ссис нӕ командӕйы уӕнгтӕй фӕндзӕм, кӕцыйӕн ис ацы ном", - ныффыста йӕ фарсыл Инстаграмы йӕ тренер Созайты Владимир.

Ног хабӕртты лентӕ
0