Цхинвалы скъола-интернат ӕмӕ Ленингоры сидзӕрдон райстой ӕххуыс Хуссар Иры МХМ-йӕ

© Sputnik / Алексей КовалевСкъола-интернат
Скъола-интернат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны кусджытӕ радтой сабитӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ бузныг загътой ахуыргӕнджытӕн

ЦХИНВАЛ, 31 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрад Ног азы къӕсӕрыл баххуыс кодта Цхинвалы скъола-интернаты сидзӕр сывӕллӕттӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Сабитӕн бахастой дыргътӕ ӕмӕ сын радтой 20 мин сомы скъолайы хӕрдзтӕн. 

Мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Дзабиты Ӕхсар бузныг загъта педагогон коллективӕн сӕ куысты тыххӕй.

"Ӕнгӕс ӕххуыс райстой Ленингоры уӕвӕг Сывӕллӕтты хӕдзары дӕр", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.

Ленингоры сидзӕрдоны сабитӕ дӕр райстой цалдӕр асыкк дыргътӕ ӕмӕ 20 мин сомы уагдоны куыстӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0