Хъуылымбегты Роберт: Сталин куыд адæймаг æмæ куыд политик хицæн кæны

© Sputnik / Natalia AiriyanХъуылымбегты Роберт:
Хъуылымбегты Роберт: - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонад-иртасæн институты кусæг, этнограф Хъуылымбегты Роберт радио Sputnik Хуссар Ирыстоны радзырдта Сталины тыххæй
Хъуылымбегты Роберт: Сталин куыд адæймаг æмæ куыд политик хицæн кæны

Ныхас куы цæуы Сталиныл, уæд иу хъуыды æмæ иу дзырдæй нæй гæнæн саргъ кæнын уыцы адæймагæн, у историк Хъуылымбегты Роберты хъуыды. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сталин куыд адæймаг æмæ политик хицæн кæны.

"Кæд Ленин æмæ Троцкий революци сарæзтой, уæд Советон паддзахад та сарæзта Сталин. Хорз уыд æви æвзæр уыд, уый тæххæй нæ бон бирæ дзурын у, фæлæ уый у факт", - банысан кодта Роберт.

Хъуылымбегты Роберты ныхæстæм гæсгæ, советон паддзахад Сталины рæстæджы ссис хъомысджын æмæ уæвынад кодта 70 азы.

"Сталинмæ фау хæссынц, фыццаджыдæр, 1937 азы репреситы тыххæй. Стæй ма ноджы, Советон паддзахад кæд хуынд, уæддæр дзы советонæй ницы уыд", - бафиппайдта этнограф.

Роберт куыд банысан кодта, афтæмæй Конституцимæ гæсгæ паддзахады сæргъ хъуамæ лæууыдаит Калинин, Сталин та уыд Компартийы сæрдар, æмæ уый дæр хæлдта иууыл сæйрагдæр фæтк.

Лæмбынæг дæр хъусут аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0