Ног рекорд: Хуссар Иры сцӕттӕ кодтой дынджыр уӕливых

© ГТРК ИрНог рекорд: Хуссар Иры сцӕттӕ кодтой дынджыр уӕливых
Ног рекорд: Хуссар Иры сцӕттӕ кодтой  дынджыр уӕливых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымӕй размӕ, Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинат Республикæйы бæрæгбонмæ сцæттæ кодта æнахуыр дынджыр уæливых — йæ диаметр уыд 112 сантиметры. Ног хӕбизджын уый размӕ рекордӕй у 15 сантиметры егъаудӕр

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ӕфсинтӕ басастой  уӕливыхы рекорд ӕмӕ сцӕттӕ кодтой, йӕ диаметр 130 см кӕмӕн у, ахӕм хӕбизджын, фехъусын кодта Sputnik районы культурӕйы хайады хистӕр Гаглойты Ростик.

Уымӕй размӕ, Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинат Республикæйы бæрæгбонмæ сцæттæ кодта æнахуыр дынджыр уæливых — йæ диаметр уыд 112 сантиметры.

"Ирыстоны цӕгаты ӕмӕ хуссары дӕр ацы уӕливых ныридӕгӕн у иууыл егъаудӕр. Йӕ диаметр у иу метр ӕмӕ 30 сантиметр. Бацӕттӕ йӕ кодтам паддзахадон телеуынынадимӕ иумӕ сӕрмагонд алӕвӕрдӕн Дменисы фидары", - загъта Гаглойты Ростик.

Уый банысан кодта, дынджыр пец сӕм кӕй авӕрдта Цхинвалы цӕттӕ къӕбицтӕй иу.

Официалон æгъдауæй Уæрæсейы рекордты чиныджы фыст æрцыд Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты конд уæлибых 84 см диаметры бæрц, кæцы скодтой 2009 азы Республикæйы бонмæ. Уый фæстæ Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы скодтой стырдæр уæлибых (диаметр 105 см), фæлæ йæ рекордты чиныджы не сфидар кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0