ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны электроэнерги ӕмӕ ӕрдзон газы фиддонтӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ӕн радтӕн ис нырма 2020 азы тарифтӕм гӕсгӕ, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта уагдоны коммерцион хайады хистӕр Козаты Родион.
Ивгъуыд азы кӕрон Цхинвалы Ӕфснайӕн банчы фиддонты хайады сӕвзӕрд ӕнӕкӕрон радтӕ, цӕрджытӕ архайдтой азы кӕронмӕ рус ӕмӕ газы хӕстимӕ сраст уӕвын, цалынмӕ сӕ тыхы нӕ бацыдысты ног тарифтӕ.
"Ивгъуыд азӕй ма "Энергоресурс"-ы раз хӕс кӕмӕн баззад, уыдонӕн сӕ бон у ӕмӕ сӕ хъалонтӕ бафидой 1 февральмӕ. Уымӕй фӕстӕ сӕ тыхы бацӕудзысты ног тарифтӕ", - загъта Козаты Родион.
Уый ма бафтыдта, тарифтӕ хицӕн фӕлхасгӕнджытӕн кӕй фӕфылдӕр сты хицӕн бӕрӕггӕнтӕм гӕсгӕ.
"Электроэнергийы аргъ ӕрдзон газӕйы ифтонг цӕрджытӕн схызт 3,0 соммæ (ивгъуыд аз уыд 2,64 сомы). Электроэнергийы аргъ ӕрдзон газ цы регионты нӕй, уыдонӕн аивтой 2,0 сомæй 2, 37 соммæ, электроэнергийы аргъ ӕндӕр фӕлхасгӕнджытӕн ссис 4,33 сомы. Ӕрдзон газы ӕргъ цӕрджытӕн сыхзт 4,51 соммæ, аннӕ фӕлхасгӕнджытӕн та ссис 6,9 сомы", - ранымадта уагдоны минӕвар.
Ӕрӕджы республикӕйы хицауады фехъусын кодтой, газ ӕмӕ рухсы ӕргътыл схӕцын кӕй у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, уымӕн ӕмӕ уӕрӕсейы базарады дӕр фӕфылдӕр сты электроэнергийы хӕрдзтӕ.