Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 37 ног рынчыны

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй коронавирус бахӕцыд 2,4 мин адӕймагӕй фылдӕрыл, сӕнӕниз сты 1,6 мин адӕймагӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 13 янв - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны территорийыл иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 37 ног рынчыны, фехъусын кодта ӕртыццӕджы коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл оперативон штабы рабадтыл Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Цӕгат Иры 130 адӕймагӕй фылдӕр сарӕзтой привикӕтӕ коронавирусӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры 130 адӕймагӕй фылдӕр сарӕзтой прививкӕтӕ коронавирусӕй

"Иу суткӕмӕ сарӕзтам 154 басгӕрсты, уыдонӕй 37 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт сарӕзтой 13 917 иртӕсты, коронавирус сбӕрӕг кодтой 2461 адӕймагӕн", - загъта уый.

Пандемийы рӕстӕджы вирусӕй сӕнӕниз сты 1619 адӕймаджы, медикты хъусдарды бын сты 842 адӕймаджы.

Коцты Марина бафтыдта, зӕгъгӕ, кусгӕ бонты райдайӕнимӕ Югосетпотребнадзор нывӕнды фӕтыхджындӕр кӕнын хъусдард санитарон домӕнтӕм базарадон обьектты ӕмӕ ӕндӕр организациты.

Ног хабӕртты лентӕ
0