ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны 137 адӕймаджы сарӕзтой прививкӕ коронавирусӕй, уыдон иууылдӕр сӕхи хатынц хорз. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15-ӕм Регион республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Ӕвдӕм поликлиникӕйы дохтыр-эпидемиолог Юлия Жирнякы ныхӕстӕм гӕсгӕ, вакцинаци уагъд цӕуы дыууӕ этапӕй.
Прививкӕтӕ сарӕзтой алыгъуызон категориты адӕмӕн. Вакцинӕ хъӕуы аразын медицинӕ, ахуырады кусджытӕн, бирӕ адӕмимӕ чи кусы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр", - загъта дохтыр.
Специалисты ныхӕстӕм гӕсгӕ, прививкӕ аразын нӕй гӕнӕн адӕмӕн, кӕцытӕ ӕрдӕг азы дӕргъы уыдысты рынчын коронавирусӕй, 18 азы кары онг ӕмбӕстӕгтӕн, афтӕ ма ӕвгъӕдджын сылгоймӕгтӕн. Вакцинацийы размӕ ӕмбӕстӕгтӕ рацӕуынц басгӕрст иммуноглобулины фӕдыл.
Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 13 095 рынчыны (+ 82 иу суткӕмӕ), 12 408 пациенты сӕнӕниз сты, 101 адӕймаджы амардысты.