Дзӕуджыхъӕуы ноджы иу адӕймаг амард COVID-19-ӕй

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæДохтыртӕ
Дохтыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тӕссаг инфекцион низы амӕттаг баисты ныр 105 рынчыны, бон раздӕр та фехъусын кодтой коронавирусы аххосӕй ӕртӕ зианы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Ивгъуыд суткӕйы Цӕгат Ирыстоны ноджы иу адӕймаг амард  COVID-19 диагнозимӕ. Низы амӕттаг баисты ныр 105 рынчыны, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Иу суткӕмӕ цӕгатирыстойнаг республикӕйы рабӕрӕг ис коронавирусӕй 81 ног рынчыны

"Цӕгат Ирыстоны 2021 азы 14 январы 08:00 сахаты онг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ регистрацигонд ӕрцыд 13 260 (+ 81 фӕстаг суткӕйы) рынчыны ног коронавирусон инфекцийӕ", - дзырдӕуы "Роспотребнадзор"-ы хъусинаджы.

Рынчынты иумӕйаг нымӕцӕй (13 260) 12 593сӕнӕниз сты, 119 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынадыл ӕмӕ 443 пациенты та хос кӕнынц республикйы медицинон уагдӕтты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандемии - коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0