Хуссар Иры экономикӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн амалиуӕггӕнджытӕн райсын уӕлбар кредиттӕ

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры экономикӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн амалиуӕггӕнджытӕн райсын уӕлбар кредиттӕ
Хуссар Иры экономикӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн амалиуӕггӕнджытӕн райсын уӕлбар кредиттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлбар кредит райсыны фӕдыл конкурс расиддзысты парламент ацы азы бюджет куы сфидар кӕна, уый фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрад чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн ӕххуысы программӕйы фӕлгӕтты консультаци кӕны амалиуӕггӕнджыты, кӕцыты фӕнды райсын уӕлбар кредит сӕ бизнесы райрӕзтӕн, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты ногӕй нӕ ацыд сесси, кӕцыйыл хъуамӕ ӕркастаиккой бюджетмӕ

Уӕлбар кредит райсыны фӕдыл конкурс расиддзысты парламент 2021 азы паддзахадон бюджет куы сфидар кӕна, уый фӕстӕ.

Амалиуӕггӕнджытӕн сӕ бон у бадзурын экономикон райрӕзты министрады амалиуӕгады райрӕзт ӕмӕ туризмы хайадмӕ, банысан кодтой уагдоны.

Премьер-министры х.ӕ. Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бизнес-консультациты формат у хорз фадат ӕрныхас кӕнын специалистимӕ фарстытыл, кӕцытӕ хауынц бизнес-проектмӕ.

Уӕлбар кредиткӕнынады фӕдыл закон райстӕуыд 2018 азы марты, йӕ руаджы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной цалдӕр социалон проблемӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0