"Сæйрагдæр у цины æнкъарæнтæ хæссын": Гæбæраты Дауыт – ирон театры легендӕ

© Фото: Дриаты ЛейлаГæбæраты Дауыт
Гæбæраты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гæбæраты Дауыты хайадистæй спектакльтæм бакæсынмæ цыдысты уæлдай фылдæр адæм. Уымæн æмæ зыдтой, комикон актер уæвгæйæ та сæ Дауыт кæй фæхудын кæндзæн, хъыг, маст кæй зæрдæйы ис, уымæн сæ кæй айрох кæнын кæндзæн.

ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik, Дриаты Лейла. Ирон адæм фыдӕлтӕй рахастой аивадмæ æгæрон уарзт æмæ æрдзон курдиат. Уæвгæ, æвæццæгæн, адæймаджы куы фæнда иннæтæн æхсызгондзинад хæссын, равзæрст фæндагыл рæсугъд къахдзæфтæ кæнын, уæд йæхиуыл уæлдай тынгдæр кусдзæн. Йæ размæ уæлдай хæстæ æвæрдзæн.

Хъыгагæн, бæрцыл вæййынц, сæ курдиаты цæхæркалгæ рухс адæмы зæрдæтæм кæмæн фæхæццæ вæййы æмæ сæ нæмттæ сæ мысынады кæмæн баззайынц.

Уыдонæй сæ иу æнæдызæрдыгæй у ГССР-ы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Гæбæраты Дауыт дæр. Зæгъгæ йын ацы кадджын нæмттæ нæ уыдысты, уæддæр æй адæм афтæ бирæ уарзтой æмæ уыд сæхи, æцæг адæмон артист. Йæ хайадистæй спектакльтæм бакæсынмæ цыдысты уæлдай фылдæр адæм. Уымæн æмæ зыдтой, комикон актер уæвгæйæ та сæ Дауыт кæй фæхудын кæндзæн, хъыг, маст кæй зæрдæйы ис, уымæн сæ кæй айрох кæнын кæндзæн.

© Фото: Дриаты ЛейлаГæбæраты Дауыт
Сæйрагдæр у цины æнкъарæнтæ хæссын: Гæбæраты Дауыт – ирон театры легендӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæбæраты Дауыт

Афтæ зыны, цыма комикон актер чи у, адæмы йæ бакаст, йæ ныхас, йæ архайдæй чи хъæлдзæг кæны, уымæн йæхи цард дæр сæрысуангæй æвæлмас, хъæлдзæг вæййы. Фæлæ уый иууыл афтæ нæу. Цас амондджын хъуамæ уыдаид, йæ сабидуг хæсты размæ, хæсты æмæ хæсты фæстæ уæззау азтæм кæмæн æрхауд, уыцы сабийæн.

"Царды æнцон æмæ лæгъз фæндагыл никуы цыдтæн, уæлдайдæр та - мæ сабибонты", - дзырта-иу Дауыт.

Æмæ, æцæгæйдæр, фыд - хæдзардарæг раджы фæзиан ис. Дауыт уыд фондз сывæллонæн сæ кæстæр. Æхсæз азы йыл куы цыд, уæд та йæ мад фæрынчын æмæ æруатон. Йæ хотæ æмæ йе ‘фсымæртæ уæдмæ сæхи цардаразæг ссисты æмæ йæхимæ кæсын куы хъуыд, уыцы рæстæджы каст йæ мадмæ. Афтæ - авд азы бæрц. Ахæм уавæрты ахуыр кодта йæ хъæу - Куатетрийы скъолайы. Скъолайы фæстæ - Тбилисы Ш. Руставелийы номыл Театралон институты ахуыры азтæ…

Стæй - 1961 аз. Уыцы аз бакъахдзæф кодта Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры бæстыхайы къæсæрæй æмæ йæ сценæйыл хъазыд суанг йæ амæлæты бонмæ, ома, 46 азы. Æмæ ма дзы абон дæр хъазыдаид, æгъатыр мæлæт æй не ‘хсæнæй куынæ аскъуыдтаид, уæд.

Дауыты æмдугонтæн, лæгæй лæгмæ йæ чи зыдта, иу сценæйыл йемæ хъазыны амонд кæмæ æрхаудта, уыдонæн абон дæр йæ рухс фæлгонц сæ цæстытыл æнæауайгæ нæ фæвæййы æмæ зæрдæ хуры фарсмæ абады.

Цхинвайлаг чысыл Ван Гог - Дзабиты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг чысыл Ван Гог: куыд ӕфтыдта дисы ӕртӕаздзыд Дзабиты Георгий йӕ нывтӕй

Куыд æндæр сфæлдыстадон кусджытæ, афтæ драмтеатры актертæ дæр хъал цард никуы кодтой, нæдæр - советон дуджы, нæдæр - ныр. Бонзонгæ цард кодта Дауыт дæр. Бирæ хæрзиуджытæ домаг нæ уыд цардæй. Сæйраг хæрзиуджытыл та нымадта, фыццаджыдæр, æнæниздзинад. Дыккаг - адæмы хорзæх. Адæмы фыдæх куыд карз у, афтæ сæ уарзт та стыр хорзæх у.

"Æз æхсæвæй-бонæй ме стыр мызды тыххæй нæ фыдæбон кодтон æмæ кæнын, фæлæ мӕ сценæмæкæсджыты тыххæй, цæмæй уыдон театрæй ацæуой хорз зæрдæйы равгимæ æмæ уыцы равг сæ зæрдæты фылдæр фæхæссой", - дзырдта Дауыт.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, ахуд æмæ фылдæр фæцæрай. Худын, хъæлдзæг уæвын царды бонтæ, æцæгæйдæр, фылдæр кæнынц. Æмæ уæдæ кæд афтæ у, уæд Дауыт уыд йе сценæмæкæсджытæн сæ цæрæнбонтæ фылдæргæнæг дæр æнусы æмбисы бæрц.

Актерæн йæ алы саразгæ фæлгонц дæр зынаргъ у. Алкæцыйы дæр дзы йæ уд бавæры, алкæцыйыл дæр фыдæбон фæкæны. Фæлæ дзы уæддæр зæрдæмæ уæлдай æввахсдæр кæцыдæртæ вæййынц, афтæ сты сценæмæкæсджытæ дæр, кæцыдæрты дзы хуыздæр айсынц. Дауыт куыд дзырдта, афтæмæй йæ зæрдæмæ уæлдай æввахсдæр лæууыдысты Хуыгаты Георы "Мæ усы лæджы" - Хъæриуы роль, "Сæтти æмæ Бæттийы" - Бæтти, Хацырты Сергейы "Тулгæ дур"-ы - Гæбул, Саулохты Мухтары "Усгур Гæцийы" - Хадзы, Хъайттаты Сергейы "Мады зæрдæ"-йы - Серги, Хаситы Вильгельмы "Расыггæнджытæ"-йы - Муки æмæ æндæр ролтæ.

Дауыт, куыд сфæлдыстадон кусæг, афтæ йæхиуыл нæ ауæрста. Йæхи, æрдзæй лæвæрд иунæг царды уый ныддихтæ кодта, цы бирæ фæлгæнцтæ аразыныл фыдæбон кодта, уыдоны цардтыл, хызт иу сценикон хъайтарты цардæй иннæмæ æмæ сæ хаста йе сценæмæкæсджыты, киномæкæсджыты размæ. Уый уыдис йæ куыст, афтæ бирæ кæй уарзта, уыцы куыст.

Фæлæ уæддæр царды мидæг Дауыт сæйрагыл куыст нæ нымадта, нæ йæ æвæрдта фыццаг бынаты. Сæйрагдæр ын уыдысты бинонтæ.

"Хæдзары дæ хъуыддæгтæ нывыл куы уой, райсомæй дæ хæдзары къæсæрæй хорз зæрдæйы равгимæ куы рахизай, уæд адæммæ дæр хуыздæр цæстæй кæсдзынæ æмæ дæ куыстмæ дæр райгондæй æрывналдзынæ", - арӕх иу фӕлхатт кодта зындгонд артист.

Царды фæивд Дауыты æрыййæфта йæ тæккæ сфæлдыстадон хурхæтæны. Разæй йæм нырма бирæ хъуыддæгтæ æнхъæлмæ каст, фæлæ йæ курдиаты тых æххæстæй раргом кæныны фадæттæ, куыд ма загътам, афтæмæй æрбакъуындæг сты. Уыимæ цы уæззау уавæры ныххаудысты йе ‘мтуг адæм, уыдæттæ æнæбандавгæ нæ фесты йе ‘нæниздзинадыл æмæ 2007 азы 18 октябры, нæ хæдбардзинад банымайынмæ нæ бæрцыл мæйтæ куы хъуыд, уæд йæ уарзæгой зæрдæ æрлæууыд йæ кусынæй.

© Фото: Дриаты ЛейлаГæбæраты Дауыт
Сæйрагдæр у цины æнкъарæнтæ хæссын: Гæбæраты Дауыт – ирон театры легендӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæбæраты Дауыт

Ацыд не ‘хсæнæй, фæлæ цæргæйæ баззадысты сценæйыл æмæ кинойы цы фæлгæнцтæ сарæзта, уыдон.

P.S. Тексты рахицæнгонд хъуыдытæ ист сты Гæбæраты Дауыты интервьютæй сæ иуæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0