Сгарӕм ӕй алы бон дӕр: Цхинвалы мэрия нуазыны доны гъӕды тыххӕй

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæ кран
 кран  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дӕргъвӕтин къӕвдаты тыххӕй столицӕйы дон рацыд змӕстӕй, фӕлӕ горӕттаг администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй йын йӕ гъӕд сгарынц ӕрвылбон дӕр

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Нуазыны доны гъӕд горӕты резервуарты у ӕмбӕлон, къӕвда бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, загътой Sputnik Цхинвалы мэрияйы  пресс-службӕйы.

Донуадзæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыстыты фӕстаг этап: Цхинвалы кӕрон ӕрцӕудзӕн нуазыны доны цухдзинадӕн

Хуссар Ирыстоны цалдӕр бон цары къӕвда. Синопртикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, улӕфт бонты ӕмӕ иннӕ къуырийы фыццаг ӕмбисы та уардзӕн мит. Столицӕйы администрацийы, "Водоканал"-ы информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, банысан кодтой, ӕвзӕр боныгъӕд бирӕ кӕй ницы бандӕвта доны гъӕдыл.

"Цалдӕр боны размӕ дон цыд змӕстӕй. Специалисттӕ дзы систой пробӕтӕ, доны гъӕд у стабилон. Нормӕйы фӕлгӕтты. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йӕ "Водоканал" баскары ӕрвылбон дӕр", - радзырдтой мэрияйы.

Уым ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, кӕд доны гъӕ афтӕ февзр уа, ӕмӕ мауал бӕзза пайда кӕнынӕн, уӕд уайтагъд бафӕдзӕхсдзысты цӕрджыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0