Цхинвайлаг лӕппу сарӕзта ирон Телеграм

Рафыссын
Ӕнӕаргъ мессенджер Телеграм иронау скуыста мӕйы размӕ, йӕ саразӕг хаты арӕхстджын фӕсивӕдмӕ ӕххыусмӕ

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕнӕаргъ мессенджер "Телеграм"-ы фӕзынд ирон верси. Ӕфтауӕн Android ӕмӕ IOS  бацӕттӕ кодта не 'мбӕстаг, ӕхсӕзӕм скъолайы рауагъдон, Уӕрӕсейы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕй иуы студент Плиты Къоста.

Ногдзинӕдтӕ сӕ тыхы бацыдысты мӕйы размӕ.

"Интерфейс ратӕлмац кодтам ӕрмӕст дыууӕ платформӕйӕн - Android ӕмӕ IOS-ӕн, уым дӕр ма хъӕуы ноджы бацархайын, стӕй ма бакусын, компьютертӕн цы ӕфтауӕнтӕ ис, уыдоныл. Ныфс мӕ ис, ноджы ма мӕм исчи кӕй бамбал уыдзӕн, кусинаг дзы нырма бирӕ ис", - загъта Sputnik йӕ арӕзӕг Плиты Къоста.

Уый ма бамбарын кодта, Телеграм цӕмӕн равзӕрста тӕлмацӕн.

"Телеграм бар дӕтты ӕндӕр ӕвзӕгтӕ бахӕссынӕн, дӕ бон у сӕрмагондӕй Телеграмы номӕй саразын ӕфтауӕн. Ӕз дӕр ыл ӕнӕнхъӕлӕджы бамбӕлдтӕн", - бафтыдта Къоста. 

Ӕвзонг лӕппу каст фӕцис Цхинвалы ӕхсӕзӕм скъола, ныридӕгӕн у Адӕмты хӕларады Уӕрӕсейаг университеты физикӕ ӕмӕ математикӕйы факультеты студент.

Ног хабӕртты лентӕ
0