ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы ацы аз нывӕндынц саразын ног хид ӕмӕ сцалцӕг кӕнын фӕндаг поселочы галиуфарсы хаймӕ, радзырдта Sputnik районы ЦКХ сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Тамерлан.
"Хъӕу Бузала районон центримӕ цы хид иу кӕны, уый ис аварион уавӕры. Ахӕм ӕдзӕллаг уавӕры ма ис хидӕй Уыцы фарсы рдӕм цы фӕндаг цӕуы, уый дӕр", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы азы райдайӕны ӕрӕвналдзысты фӕндаджы цалцӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ уавӕр цӕрджытӕн ӕвзӕрын кӕны бирӕ фыдӕбӕттӕ. Азы дыккаг ӕмбисы та райдайдзысты ног хиды арӕзтад.
"Республикӕйы президент Бибылты Анатолий районы цӕрджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы фехъусын кодта, дыууӕ объекты арӕзтад дӕр хаст кӕй ӕрцыд 2021-2022 ӕзтӕн инвестицион программӕмӕ", - бафтыдта ЦКХ сӕргълӕууӕг.
Уый ма бафиппайдта, фӕндаг ииуылдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн хӕрзарӕзт - бамбӕрздзысты йӕ асфальтӕй, йӕ алывӕрсты фӕзындзӕн тротуартӕ ӕмӕ рухсытӕ. Уымӕй дарддӕр ма дзы ауадздзысты доны ӕмӕ канализацион хӕтӕлтӕ дӕр.
Цхуырбаты Темерлан куыд загъта, афтӕмӕй кӕд проектон документаци ӕмӕ финанскӕнынадимӕ проблемӕтӕ ма фӕзына, уӕд афӕдзы дӕргъы объекттӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты эксплуатацимӕ.