Тогойты Альберт: Портал сырæзт курдиатджын фæсивæды иумæйаг тыхтæй

Рафыссын
Цæгат Ирыстоны Аивадон порталы къухдариуæггæнæг Тогойты Альберт радио Sputnik Хуссар Ирыстоны радзырдта бæстыхайы арæзтады тыххæй
Тогойты Альберт: Портал сырæзт курдиатджын фæсивæды иумæйаг тыхтæй

Цæгат Ирыстоны цалдæр азы размæ фæзынд аивадон фæз "Портал", цы ран курдиатджын фæсивæд æвдисынц сæ дæсныйад. Кæд æмæ сын цы бæстыхай рахицæн кодтой, уый нæ уыд иууыл хуыздæр уавæры, уæддæр æй иумæйаг тыхтæй æмбæлон уагмæ кæнынц, арæзтадон куыстытæ цæуынц. Тогойты Альберт куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн сæйраг куыстытæ фесты.

"Алы хатæны дæр ис рудзынг, дуар, хъармдзинад, æмæ дзы ныр дарддæр чи кусдзæн уыцы æрмадзты, уыдон сæ сæхимæ гæсгæ бацаразæт", - загъта Альберт.

Тогойты Альберты ныхæстæм гæсгæ, Потралы арæзтады иууылдæр райстой хайад, кæмæн куыд уыд йæ бон фæкæсын, уымæ гæсгæ.

Æрæджы дзы уагъд æрцыд равдыст "Хиконд", цы ранмæ фæхуыдтой æрмдæсныты. Альберт куыд банысан кодта, афтæмæй уыдонæн уыд фадат, цæмæй сæ дæсныйадимæ базонгæ кæной равдыстмæ æрбацæуджыты.

Тогойты Альбертæн иууыл тынгдæр йæ зæрдæ барухс, "Хиконд"-ы Хуссар Ирыстоны æрмдæснытæ дæр кæй райстой хайад, уый тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0