Хуссар Иры фыццаг хатт ацæудзæн æхсæнадæмон сфæлдыстадон форум

Рафыссын
Сфæлдыстадон æвзонг адæмæн Хуссар Иры фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитет сараздзæн форум, уырдæм фæхондзысты æндæр бæстæтæй уазджыты дæр

ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацы аз ацæудзæн фыццаг æхсæнадæмон сфæлдыстадон форум æвзонг адæмæн, фехъусын кодта фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-конференцийы рæстæджы.

© Sputnik / Natalia Airiyan Гатыгкоты Валентина
Хуссар Иры фыццаг хатт ацæудзæн æхсæнадæмон сфæлдыстадон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гатыгкоты Валентина

Мадзалы ма дзырд цыд Хуссар Иры волонтерты куыстыл, фæсивæды хайадистыл республикæйы æхсæнадон царды, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты фæсивæдимæ æмгуыстадыл.

"Форум уыдзæн æхсæнадæмон. Нæ чызджытæ æмæ лæппутæ базонгæ уыдзысты Цæгат Кавказы республикæты æмæ чизоны æндæр бæтæты курдиатджын сфæлдыстадон фæсивæдимæ. Бирæ ирæттæ цæрынц Ирыстоны æддейæ æмæ мах фæнд кæнæм уыдон æрхонын дæр", - радзырдта Гатыгкоты Валентинæ.

Уый баххах кодта, ацы мадзал кæй уыдзæн пайдаджын, уымæн æмæ бынæттон фæсивæдæн нæй бирæ фадаттæ сæ курдиат æвдисынæн.

Форумы уазджыты нымæц нырма дырысæй бæрæг нæу, уымæн æмæ уый комкоммæ баст у финанскæнынадимæ, балхынцъ кодта комитеты сæрдары хæдивæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0