Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 33 ног рынчыны коронавирусӕй – Югосетпотребнадзор

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтой 15 минмӕ ӕввахс тесты, 2 705 адӕймагӕн сбӕрӕг кодтой COVID-19

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 131 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 33 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"131 тестӕй коронавирус рабӕрӕг кодтой 33 адӕймагӕн", - загъта Гаглойты Анна.

Республикӕйы территорийыл пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 14 840 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 2 705 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Республикӕйы коронавирусы амӕттӕгтӕ баисты 65 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0