Хуссар Иры 800 уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны сарӕзтой прививкӕтӕ коронавирусы ныхмӕ

© Пресс-служба ЮВОХуссар Иры 800 уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны сарӕзтой прививкӕтӕ коронавирусы ныхмӕ
Хуссар Иры 800 уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны сарӕзтой прививкӕтӕ коронавирусы ныхмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Прививкӕ саразыны фӕстӕ ӕфсӕддонтӕ сты медицинон специалистты хъусдарды бын

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 800 уӕрӕсейаг ӕфсӕддонӕй фылдӕр райстой вакцинӕ коронавирусон инфекци COVID-19-ы ныхмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

"Абоны бон Хуссар ӕфсӕддон зылды базӕйыл Гам-КОВИД-Вак" ("Спутник-V") вакцинӕйы дыууӕ компонент дӕр райстой 300-мӕ ӕввахс ӕфсӕддоны. Вакцинӕйы фыццаг компонент та райстой 500-йӕ фылдӕр ӕфсӕддоны", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Фыццаг вакцинӕ чи райста, уыдон йӕ дыккаг хай райсдзысты ӕртӕ къуырийы фӕстӕ.

Афтӕ ма Хуссар ӕфсӕддон зылды дӕлхайӕдты райдыдта ӕфсӕддонты бинонты ӕмӕ граждайнаг персоналы вакцинаци, кӕцыты сӕхи бафӕндыд саразын прививкӕ коронавирусы ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0