Ивар ӕнӕмбӕлон урӕды тыххӕй: БАМ-мӕ бацӕуӕн нал вӕййы ӕхсӕнадон транспортӕн

© Sputnik / Фатима ПлиеваИвар ӕнӕмбӕлон урӕды тыххӕй: БАМ-мӕ бацӕуӕн нал вӕййы ӕхсӕнадон транспортӕн
Ивар ӕнӕмбӕлон урӕды тыххӕй: БАМ-мӕ бацӕуӕн нал вӕййы ӕхсӕнадон транспортӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Плиты Ароны уынгыл уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц фӕндаггӕрон, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы, уый хынцгӕйӕ автоинспекци фӕнд кӕны сӕвӕрын фӕдзӕхсты нысӕнттӕ

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ. Автобусы шофырты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ.

Цӕрджыты фехъустой: арӕзтады министрад аивта микрорайон БАМ-мӕ фӕндагарӕзтады проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕрджыты фехъуыстой: арӕзтады министрад аивта БАМ-мӕ фӕндагарӕзтады проект

Цхинвалы ӕфсӕддон городокмӕ фӕндаг Плиты Ароны уынгыл фарон цалцӕг куы цыд, уӕддӕр ссис хъаугъайаг, уӕд цӕрджытӕ домдтой, цӕмӕй йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной. Фӕндаг арӕзт ӕрцыд домӕнтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр разынд проблемон. Ам уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы.

"Фӕндаг арӕзт куы фӕцис, уӕд фӕндаггӕрон сӕвӕрдтой бордюртӕ. Раздӕр ӕфсӕддонтӕ кӕд сӕ хӕдулгӕтӕ урӕдтой Афганистаны хӕстонты цырты цур, уӕд дзы ныр бахизӕн нал ис. Уымӕ гӕсгӕ фӕндаггӕрон байдзаг вӕййы хӕдтулгӕтӕй ӕмӕ рейсон автобустӕн нал вӕййы бацӕуӕн",- загъта районы цӕрӕг Эльбрус.

Ӕрӕджы рейсон автобус уынгӕг фӕндагыл раскъуыдта йӕ кӕсӕн, хӕдтулгӕйы бардарӕг домы дӕс мин.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ
Ивар ӕнӕмбӕлон урӕды тыххӕй: БАМ-мӕ бацӕуӕн нал вӕййы ӕхсӕнадон транспортӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ

Фарст алыг кӕныны нысанӕн паддзахадон автоинспекци сӕвӕрдта пост.

"Уавӕр хынцгӕйӕ мах сӕвӕрдам уӕлӕмхас пост ацы ран. Нӕ инспектортӕ сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ райсом 7:30-ӕй 9 сахатмӕ. Фӕстӕдӕр ам сывӕрдзыстӕм фӕндагон нысӕнттӕ, кӕцытӕ фӕдзӕхсдзысты, цӕмӕй ам хӕдулгӕтӕ ма уромой. Фӕткхалджытӕ ивар цӕуыдзысты", - загъта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хистӕр инспектор Уалыты Альма.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ
Ивар ӕнӕмбӕлон урӕды тыххӕй: БАМ-мӕ бацӕуӕн нал вӕййы ӕхсӕнадон транспортӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0