Харебаты Вадим: Сагкаты Валерий уыд уникалон тембры хицау

© Sputnik / Наталья АйриянХаребаты Вадим
Харебаты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны адæмон артист Харебаты Вадим радио Sputnik-ы эфиры радзырдта Сагкаты Валерийы сфæлдыстады тыххæй
Харебаты Вадим: Сагкты Валерайæн уыд уникалон тембры хицау

Ацы аз 14 январы зындгонд ирон зарæггæнæг Сагкаты Валерæйыл сæххæст уыдаит 70 азы. Харебаты Вадим куыд загъта, уымæ гæсгæ Валерæйæн уыд уникалон тембр.

"Æз абоны онг дæр нæма нæ фехъуыстон ахæм хъæлæс, йæ уды æнкъарæнтæ йæ хъæлæсæй афтæ æвдыста, æмæ йæм чи хъуыста, уыдон иу æй бауарзтой уайтагъд", - загъта Вадим.

Харебаты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, Сагкаты Валерий уыд сыгъдæгзæрдæ æмæ æнæхин.

"Мæгуырæй схъомыл ис æмæ афтæ чи схъомыл вæййы, уый стæй цардæн тынгдæр аргъ кæны", - банысан кодта зарæггæнæг.

Сагкаты Валерийы цард мысгæйæ Вадим банысан кодта, уый зæрдæйæ кæй æххæст кодта йæ зарджытæ æмæ йын уымæн стыр табу кæй кодтой сценамæкæсджытæ.

Лæмбынæгдæр хъусут ауидоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0