Путин сфидар кодта Хуссар Иримӕ бадзырд ӕфсӕддонты службӕйы рӕстӕг банымайыны фӕдыл

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документмӕ гӕсгӕ фӕфылдӕр кӕндзысты мызд ӕфсӕддонтӕн-контрактниктӕн сӕ службӕйы рӕстӕгмӕ гӕсгӕ, афтӕ ма фӕфылдӕр кӕндзысты пенситӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты ӕфсӕддонты службӕйы рӕстӕг банымайыны фӕдыл, хъусын кӕны РХИ Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Хуссар Иры кад АрМИ-2021-ы хъахъхъӕндзысты 60 ӕфсӕддонӕй фылдӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры кад АрМИ-2021-ы хъахъхъӕндзысты 60 ӕфсӕддонӕй фылдӕр

"Президенты барамындмӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрадӕн бахӕс кодтой ауадзын баныхас хуссарирыстойнаг фарсимӕ Уӕрӕсейы ФХМ хайадистӕй ӕмӕ бафыссын бадзырд Уӕрӕсейы Федерацийы номӕй. Президенты барамынды тексты ма дзырдӕуы, проектмӕ кӕй ис гӕнӕн хӕссын ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕн нӕй принципиалон характер", - банысан кодтой уагдоны.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, документ кӕй нывӕндынц бафыссын февралы, кӕд ӕмӕ коронавирусы пандеми кӕнӕ ӕндӕр цаутӕ сӕ ма бахъыгдарой.

Проект ныридӕгӕн сфидар кодтой Уӕрӕсейы хицауады, бафтыдта Хъахъхъӕнынады министрады минӕвар. Уый фӕстӕ документ бафысдзысты ӕмӕ йӕ барвитдзысты ратификацимӕ УФ Паддзахадон думӕ ӕмӕ РХИ Парламентмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0