Цхинвалы автоскъолайы кӕнынц мотоцикл скъӕрыны курстӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы автоскъолайы кӕнынц мотоцикл скъӕрыны курстӕ
Цхинвалы автоскъолайы кӕнынц мотоцикл скъӕрыны курстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон университеты бындурыл Автоскъолайы фыццаг къордмӕ райсдзысты 30 адӕймаджы, фехъусын кодтой уагдоны

ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты дӕлбар Автоскъола уалдзӕджы райсдзӕн категори "А"-йы бартæ райсыны фæдыл къорд. Ногдзинӕдтӕ бакӕнынӕн уагдон самал кодта ахуыргӕнӕн транспорт, фехъусын кодта Sputnik скъолайы директор Василий Кулиджанов.

ХИПУ Автоскъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Автоскъола сног кодта йæ куыст карантины фæстæ

Фыццаг къорды уал ахуыр рацӕудзысты 30 адӕймаджы.

"Уалдзӕджы кӕронӕй фӕнд кӕнӕм фыццаг къорд райсын. Паддзахадон университеты разамынд самал кодта техникӕ, цӕмӕй нӕ скъолайы бындурыл фӕзына категори "А", - загъта директор.

Уый ма бафтыдта, Уӕрӕсейы апрелӕй кæй ивынц скъӕрыны бартӕ райсыны уагӕвӕрдтӕ, ацы ивындзинӕдтӕ бандавдзысты бынӕттон фӕткойтыл дӕр.

"Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ, бартӕ райсынӕн практикон фӕлварӕн ӕрмӕст автодромы нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ ма горӕты мидӕг дӕр. Афтæ ма æнӕмӕнгхъӕуӕг суыдзӕн видеорегистратор", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0