Тугдзых сырдты куынӕггӕнджытӕн лӕвӕрд цӕудзысты цуанон лицензитӕ

© Fotolia / RodimovpavelТугдзыхты куынӕггӕнджытӕн лӕвӕрд цӕуыдзысты цуанӕн лицензитӕ
Тугдзыхты куынӕггӕнджытӕн лӕвӕрд цӕуыдзысты цуанӕн лицензитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сырдты ӕмӕ ӕрдз бахъахъхъӕны нысанӕн арӕзт ӕрцыдысты ӕвӕрд бынӕттӕ Зонкъармӕ ӕввахс ӕмӕ Знауыры районы, уый фӕрцы фӕфылдӕр ис сырдты мыггаг

ЦХИНВАЛ, 29 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрдзон ресурсты комитет тугдзых сырдтӕ амарджытӕн лӕггад кӕндзæн цуан кӕныны лицензитӕй. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта уагдоны хистӕр Бестауты Бала.

"Тугдзых сырдтӕ чи куынӕг кӕны, уыдонӕн премитӕ дӕттыны сӕрмагонд нывӕзт нал архайы. Фӕлӕ аскъуыддзаг кодтам бирӕгъ ӕмӕ хӕдмӕлхор чи куынӕг кӕна, уыдонӕн балӕггад кӕндзыстӕм цуаны лицензитӕй ӕмӕ сын бамбарын кӕндзыстӕм цуаны цӕуыны фӕткойтӕ. Ацы мадзӕлттӕ ист цӕуынц, цӕмӕй фӕкъаддӕр кӕнӕм тугдзыхты мыггаг", - загъта Бестауты Бала.

Хуссар Ирыстоны сырдты ӕмӕ ӕрдз бахъахъхъӕны нысанӕн арӕзт ӕрцыд ӕвӕрд бынӕттӕ Зонкъармӕ ӕввахс ӕмӕ Знауыры районы, уый фӕрцы фӕфылдӕр ис сырдты мыггаг.

волк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры расидтысты бирæгътыл цуан

"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ сырд фӕзынд нӕ хъӕдты, ӕгъдау ӕмӕ ӕмбарынад фӕзынд цуангӕнджытӕм ӕмӕ ӕнӕвгъауӕй нал цӕгъдынц сырды. Зонкъары ӕвӕрд бынаты архайы мобилон къордтӕ, кӕцытӕ цуан кӕнынц тугдзых сырдтыл - бирӕгъ ӕмӕ хӕдмӕлхортыл, цӕмӕй сын сӕ мыггаг фӕкъаддӕр кӕной ӕмӕ ма цӕгъдой сырд ӕмӕ хӕдзарон фосы", - бафтыдта уый.

Бестауты Бала ма бафтыдта, ӕнӕзакъонӕй цы цуанонтӕ цӕгъдынц саг, сӕгуыт, арс ӕмӕ хъӕддаг хуыты, уыдон кæй бакӕнынц барадхъахъхъӕнӕг органты бӕрны.

Ног хабӕртты лентӕ
0