ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы республикон бирӕпрофилон медцентры амард 36-аздзыд нӕлгоймаг, уый цалдӕр боны размӕ бахауд "Сырх зонӕмӕ" пневмониимӕ. Рынчыны низ сытынг коронавирусон инфекцийы аххосӕй, фехъусын кодта Sputnik РБМЦ сӕйраг дохтыры хӕдивӕг Бекъойты Светлана.
"Пациент ӕрбахауд 29 январы, дыууӕ боны фӕстӕ уый фӕзиан ис коронавирусон инфекцийӕ", - загъта Бекъойты Светлана.
Коронавирусӕй ӕдӕппӕт республикӕйы амард 70 адӕймаджы.
Сӕйраг инфекционаст Джиоты Элеонорайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, РБМЦ "Сырх зонӕйы" къуырисӕры райсоммӕ коронавирус ӕмӕ йӕ фӕстиуджытӕн хос кӕнынц 41 пациенты.
Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.