Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой аст сызгъӕрин майданы Ессентукийы

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой аст сызгъӕрин майданы
Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой аст сызгъӕрин майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2021
Рафыссын
Ессентукийы уагъд цӕуӕг гом ерысты архайдтой 350 спортсмены онг Цӕгат Кавказы регионтӕй

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры боксертӕ астӕй рамбылдтой Ессентукийы уагъд цӕуӕг гом ерыстӕ, ноджы ма дыууадӕсӕй та райстой ӕвзист майдантӕ, фехъусын кодта Sputnik тренер Куымӕридтаты Родион.

Тыбылты Алик - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.11.2020
"Тох ахицӕн тагъд": Тыбылты Алик фӕуӕлахиз боксы изӕры Краснодары

Боксы турниры архайдтой 350 спортсмены онг Цӕгат Кавказы регионтӕй.

"Хуссар Ирыстоны ӕппӕт боксы секцитӕй ӕрымбырд кодтам 30 спортсмены. Командӕйы сконды уыдысты Боксы скъола, спорты галуан "Олимп" ӕмӕ Дменисы секцийӕ",- загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, командӕ ӕмткӕй райста аст сызгъӕрин ӕмӕ 12 ӕвзист майданы.

"Ерысты уӕлахиздзаутӕ ссисты Гуыцмӕзты Тамерлан, Гатыгкоты Аслан, Хуыгаты Сӕрмӕт, Букъулты Арсен, Бабайты Станислав, Багаты Марат, Джиголаты Ибрагим ӕмӕ Сиукъаты Батрадз", - бафтыдта уый.

Уӕлахиздзауты нымӕцы уыдысты алкӕцы секцийы минӕвӕртӕ, сӕ нымӕцы Дменисы хъӕуы минӕвӕрттӕ.

"Дменисы секци кусы нырма ӕрмӕст цалдӕр азы, фӕлӕ кӕны хорз къахдзӕфтӕ. Ацы хатт дӕр райстой дыууӕ майданы - сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист. Ӕххуыс сын кӕны сӕ хъӕуӕй рацӕугӕ меценат Икъаты Ибрагим",- бафтыдта уый.

Ерысты архайджытӕ уыдысты тренертӕ Куымӕридтаты Родин, Тедеты Александр, Лолоты Александр ӕмӕ Дзигойты Ацӕмӕзы хъомылгӕнинагтӕ.

© Sputnik / Из архива тренера А.ДзигоеваЦхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой аст сызгъӕрин майданы
Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой аст сызгъӕрин майданы Ессентукийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2021
Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой аст сызгъӕрин майданы
Ног хабӕртты лентӕ
0