Бибылты Анатолий саргъ кодта Хуссар Иры Генпрокуратурӕйы куыстӕн

© Пресс-служба президента РЮОПрокуратурӕйы хыгъд
Прокуратурӕйы хыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2021
Рафыссын
Цхинвалы дыццӕджы ацыд генералон прокуратурӕйы хыгъдон коллеги, кӕцыйы рӕстӕджы уагдоны сӕргълӕууӕг сарӕзта фӕстиуджытӕ ивгъуыд азы куыстӕн. Мадзалмӕ бауазӕг президент Бибылты Анатолий дӕр

ЦХИНВАЛ, 2 фев - Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, райгонд кӕй у Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы куыстӕй. Дыццӕджы Цхинвалы ацыд генералон прокуратурӕйы хыгъдон коллеги 2020 азы бакӕнгӕ куысты фӕдыл.

"Сымах ӕцӕгӕй дӕр стут профессионалтӕ, уӕ къухты хӕцӕнгарзимӕ хъахъхъӕдтат республикӕ, ныр та хъахъхъӕнут закондзинад ӕмӕ барад. Уый тыххӕй уын стыр бузныг", - загъта президент.

Уый банысан кодта, азӕй азмӕ фыдракӕндты нымӕц кӕй кӕны къаддӕрӕй къаддӕр.

"Уый ӕнӕбузн куыст у, ӕмӕ йӕ барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕмӕ прокуратурӕйы кусджытӕ дӕр хорз ӕмбарынц. Фӕлӕ уый у фыдракӕндты ныхмӕ иумӕйаг фронт, ӕмӕ уым хъуамӕ иу хъӕндзинад дӕр ма уа, цӕмӕй республикӕ бахъахъхъӕна, бирӕ ӕзты адӕм цӕй тыххӕй тох кодта, уый", - загъта Бибылты Анатолий.

© Sputnik / Диана КозаеваОтчет Генпрокуратуры по итогам 2020 года
Бибылты Анатолий саргъ кодта Хуссар Иры Генпрокуратурӕйы куыстӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2021
Отчет Генпрокуратуры по итогам 2020 года

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг равдыста ныфс, прокуратурӕйы кусджыты фӕстиуӕгджын куысты ӕвӕзад кӕй кӕндзӕн бӕрзонддӕр. Афтӕ ма уый схорзӕхджын кодта сгуыхт юристы номӕй генпрокуроры хӕдивӕг Багаты Магомеды.

Ног хабӕртты лентӕ
0