Цыбыр ныдзæвды аххосӕй Хуыцъейы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар

© Из личного архива Ю. БетееваЦыбыр ныдзæвды аххосӕй Хуыцъейы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар
Цыбыр ныдзæвды аххосӕй Хуыцъейы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2021
Рафыссын
Зынгсирвӕзт ахуыссын кӕныныл архайдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыууӕ къорды - районы ӕмӕ горӕты хайадтӕй

ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзары зынгирвӕзты аххосаг ссис цыбыр ныдзæвд, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады  радгӕсон службӕйы.

Зынгфæдисонтæ хуыссын кæнынц хъæдын хæдзары зынгирвæзт Хуыцъейы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2021
Зынгфæдисонтæ хуыссын кæнынц хъæдын хæдзары зынгирвæзт Хуыцъейы хъæуы

Дыццӕджы райсом уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ фӕхъусын кодтой Хуыцъейы хъӕуы кӕй ссыгъд хисӕрмагонд хъӕдын хӕдзар.

"Хӕдзар артӕй байсын нӕ бантыст. Хъӕдын арӕзтадыл арт тагъд фӕтых. Зынгирвӕзты аххосаг ссис цыбыр ныдзӕвд", - загътой уагдоны.

Зынгсирвӕзт ахуыссын кӕныныл архайдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыууӕ къорды - районы ӕмӕ горӕты хайадтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0