Хуссар Иры МХМ кусджыты сараздзысты тесттӕ наркотиктӕй пайда кӕныны фӕдыл

© МВД РЮОХуссар Иры МХМ кусджыты сараздзысты тесттӕ наркотиктӕй пайда кӕныны фӕдыл
Хуссар Иры МХМ кусджыты сараздзысты тесттӕ наркотиктӕй пайда кӕныны фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2021
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта ауадзын басгӕрст МХМ коллегийы рабадтыл, кӕцыйы рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодтой мидхъуыддӕгты органты оперативон-службӕйон архайдӕн 2020 азы

ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры наркологон диспансеры райдыдтой аразын тесттӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты органты кусджытӕн наркотиктӕй пайда кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"МХМ медико-санитарон хайад балхӕдта тест-ситемӕтӕ, кӕцытӕ бӕрӕг кӕнынц наркотикты 10 хуызы. Уыдон сты реагенттӕ, кӕцытӕ бӕрӕг кӕнынц ахӕм наркотиктӕ куыд морфин, гӕн, кокаин, метадон ӕмӕ ӕндӕртӕ. Бон тесттӕ араздзысты 80 кусӕджы онг. Ацы мадзалы фӕуды фӕстӕ хатдзӕгтӕ скӕндзысты уагдоны куыстӕн", - радзырдтой уагдоны.

Фыццаг этапыл басгӕрст рацыд уагдоны къухдариуӕгад. Тесттӕ аразынмӕ йӕ хъус дары къамис, кӕцыйы сконды сты уагдоны хи ӕдасдзинады хайады кусджытӕ ӕмӕ МХМ наркотикты зылдмӕ хъусдарды хайады кусджытӕ.

МСНК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.01.2021
Хъахъхъæдтой фæтк, тох кодтой вирусимæ: Хуссар Иры МСНК æрдзырдой азы фæстиуджытыл

"Куы сбӕрӕг кӕной, кусӕг наркотиктӕй кӕй пайда кодта, уӕд скъуыддзаг цӕудзӕн фарст, цӕмӕй йӕ ссӕрибар кӕной мидхъуыддӕгты органты куыстӕй", - бахахх кодтой МХМ.

Ахӕм багӕрст ауадзыны фӕдыл хӕслӕвӕрд радта президент Бибылты Анатолий, банысан кодтой МХМ. Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта ауадзын басгӕрст МХМ коллегийы рабадтыл, кӕцыйы рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодтой мидхъуыддӕгты органты оперативон-службӕйон архайдӕн 2020 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0