Кокайты Тотрадз: Гуыцмæзты Алеш æрмæст 40 аз фæцард, æнтысгæ та йын бакодта тынг бирæ

© СОРЮБ "им.Гайто Газданова"Кокайты Тотрадз
Кокайты Тотрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.02.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны гимны автор, поэт Кокайты Тотрадз радио Sputnik эфиры радзырдта Гуыцмæзты Алешы сфæлдыстады тыхæй
Кокайты Торадз: Гуыцмæзты Алеш уыд стыр фыссæг

Кокайты Тотрадз куыд радзырдта, афтæмæй уый Алешимæ базонгæ ис Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты. Алеш уæд фыццæгæм курсы уыд, Тотрадз та цыппæрæмы ахуыр кодта.

"Чиныг кæсгæйæ йæ баййæфтон йæ хатæны æмæ мæ цæст ахастон, йæ алыварс цы чингуытæ уыдис, уыдоныл. Æппæты уæлейæ дзы разынд Фолкнер æмæ мæхинымæр ахуыды кодтон, зæгъгæ, ацы лæг кæд фыццæгæм курсы Фолкнеры кæсы, уæд ын æвзæрæй тас нæу", - банысан кодта Тотрадз.

Алешы зиан фехъусгæйæ, адарддæр кодта Кокайты Тотрадз, тынг фæрыст йæ зæрдæ, æмæ 1992 азы мыхуыры рауагъта йæ радзырдты чиныг "Азарут иронау, лæппутæ".

"Алеш уыд стыр фыссæг, стыр прозаик, æмæ 40 азмæ уыйбæрц кæм сарæзта, уæд ма 60 аз куы фæцардаит, уæд та цас сарæзтаит", - бафиппайдта Тотрадз.

Ирон литературæ хъæздыг у курдиатджын фысджытæн, фæлæ дзы Гуыцмæзты Алешæн йæхи сæрмагонд бынат ис, балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0