https://sputnik-ossetia.com/20210205/Fond-Lvar-bazyrt-auagta-khkhuskhuag-binontn-gumanitaron-aktsi-11779690.html
Фонд "Лӕвар базыртӕ" ауагъта ӕххуысхъуаг бинонтӕн гуманитарон акци
Фонд "Лӕвар базыртӕ" ауагъта ӕххуысхъуаг бинонтӕн гуманитарон акци
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы хъусдарды бын, цы бинонтӕ ис, уыдонӕн баххуыс кодтой хӕлцады продукцийӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕринӕгтӕй 05.02.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-02-05T17:04+0300
2021-02-05T17:04+0300
2021-02-08T11:08+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/02/05/11779421_4:0:1156:651_1920x0_80_0_0_b009b9f3e3efab2ecfbf06fce8fd646b.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/02/05/11779421_120:0:1156:651_1920x0_80_0_0_768b9dd4e161b56e73dfe3d40c3d37c4.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Фонд "Лӕвар базыртӕ" ауагъта ӕххуысхъуаг бинонтӕн гуманитарон акци
17:04 05.02.2021 (Ранӕуӕггонд: 11:08 08.02.2021) Ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы хъусдарды бын, цы бинонтӕ ис, уыдонӕн баххуыс кодтой хӕлцады продукцийӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕринӕгтӕй
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Мидхъуыддӕгты министрады горӕты ӕнахъомты фӕдыл инспекци Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджынимӕ сывӕллӕтты барты фӕдыл бабӕрӕг кодтой горӕты ӕххуысхъуаг бинонтӕй цалдӕры. Сӕ бацыды рӕстӕджы федтой царды уавӕртӕ ӕмӕ сын бахастой хӕлцадон ӕххуыс.
Столицӕйы ис ӕмткӕй 26 ахӕм бинонтӕ, кӕцытӕ цӕрынц тыхст уавӕрты ӕмӕ сты ӕнахъомты инспекцийы хъусдарды бын. Сӕ уавӕртӕ сын мониторинг кӕны сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвар Цхуырбаты Татьяна.
"Мӕ куыст комкоммӕ баст у Гатайты Лалийы хайадимӕ. Уыдонимӕ иумӕ зонгӕ кӕнын сӕ хъусдарды бын цы бинонтӕ сты, уыдон царды уавӕртимӕ. Тыхст уавӕрты чи ис, ахӕм бинонтӕн фонд "Лӕвар базырты" хӕрдзтӕй самал кодтам хӕлцад, сӕ нымӕцы чысыл сабиты хӕринӕгтӕ", - загъта фонды хистӕр, президенты ӕххӕстбарджын сывӕллӕтты барты фӕдыл Цхуырбаты Татьянӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнахъомты инспекцийы рейдты руаджы уый дӕр ӕнгом зонгӕ кӕны сывӕллӕтты царды уавӕртимӕ.