ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл æрцыд цыппар ФТЦ, авариты фæстиуæгæн ничи бахъыгдард, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Паддзахадон автоинспектортæ сфидар кодтой фæндагон змæлды фæткы 193 фехæлды. 13 шофыры хæдтулгæтæ скъæрдтой нозтджынæй æмæ сæ ныхмæ конд æрцыдысты административон протоколтæ.
"Ивгъуыд къуыри республикæйы фæндæгтыл æрцыд цыппар фæндагон-транспортон цауы, авариты фæстиуæгæн ничи бахъыгдард", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уымæй дарддæр, фæстаг къуыри мидхъуыддæгты органты кусджытæ срегистраци кодтой иу фыдракæнды. Алыгъуызон фæткхæлдты тыххæй æрурæдтой дæс адæймаджы, уыдонæй æртæйæн рахастой административон æфхæрдтæ.