"Я буду мечтать": цхинвайлаг зарӕггӕнӕг рауадздзӕн йӕ фыццаг альбом

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Олег
Плиты Олег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2021
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕджы альбомы уыдзысты зарджытӕ ирон, англисаг ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл

ЦХИНВАЛ, 8 фев - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Зарджыты презентаци ацӕудзӕн фидӕн къуыри алыгъуызон интернет фӕзуӕттыл, радзырдта Sputnik йӕхӕдӕг зарӕггӕнӕг Плиты Олег.

"Альбом рахиздзӕн фидӕн къуыри популярон стримингон фӕзуӕттыл", - загъта Плиты Олег.

Зарӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, альбомы уыдзысты зарджытӕ ӕртӕ ӕвзагыл.

Сагкаты Валерийы цырты эскиз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.01.2021
Президентмӕ бахатдзыстӕм: Цхинвалы ӕвӕрынц цырт Сагкаты Валерийӕн

"Альбомы уыдзӕн фараст трекы, уыдонӕй иу уыдзӕн ирон ӕвзагыл Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕтыл "Катай" ӕмӕ "Хӕрзбон", кӕцытӕ ӕз ӕрбаиу кодтой иу зарӕджы. Ноджы ма иу зарӕг уыдзӕн англисаг ӕвзагыл, аннӕтӕ та уырыссаг ӕвзагыл", - бафтыдта Плиты Олег.

Ӕвзонг зарӕггӕнӕг банысан кодта, алкӕцы зарӕгӕн дӕр кӕй ис йӕ сӕвзӕрды истори.

Плиты Олег бирӕ хатт ссис ӕхсӕнадӕмон конкурсты лауреат. Фарон ӕвзонг зарӕггӕнӕг рамбылдта Ӕхсӕнадӕмон вокалон конкурс "Хрустальный микрофон"-ы, афтӕ ма ссис дыккаг къӕпхӕны лауреат Ӕхсӕнадӕмон конкурс-фестивалы "Мы вместе".

Ног хабӕртты лентӕ
0