Ирон терминты цухдзинад: Плиты Къоста Телеграм ирон æвзагмæ раивыны зындзинæдты тыххæй

© Instagram / kosta_plievКонстантин Плиты
Константин Плиты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Рафыссын
Телеграм канал ирон æвзагмæ рацаразæг Плиты Къоста радио Sputnik-ы радзырдта, куыд æм фæзынд уыцы хæрзиуæгон хъуыды, уый тыххæй
Плиты Къоста: фадат фæзынд Телеграм канал ирон æвзагмæ раивын

Телеграм каналы пайдагæнджытæн фадат фæзынд, цæмæй йын йæ интерфейс кæсой иронау. Йæ рацаразæг Плиты Къоста куыд загъта, уымæ гæсгæ Телеграмы къухдариуæгад куы радта ахæм фадат, уæд дзы уый уайтагъддæр спайда кодта.

"Вячеслав Иванов у "В Контакте"-йы ирон версийы бындурæвæрæг, афтæ ма ирон Википедийы автор, æмæ мын уый феххуыс мæ куысты", - загъта Къоста.

Лæппуйы ныхæстæм гæсгæ, зындзинæдтæ бавзæрстой техникон фарстыты.

"Ирон дамгъæ "Æ" кирилицæйы арæх не 'мбæлы, стæй кливиатурæйы дæр нæй, æмæ уый мидæг уыд йæ зындзинад. Афтæ ма бирæ терминтæ не сты тæлмацгонд ирон æвзагмæ æмæ уым дæр агуырдтон эквиваленттæ", - банысан кодта Плиты Къоста.

Къоста ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æрæджы ныффыста чиныг ирон æвзагыл Java æвзагы тыххæй, цы ран раиртæста, цы техникон миниуджытæ æмæ конструкцитæ ис уыцы æвзаджы. Чиныг æрвыст æрцыд литературон преми "Булæмæргъ"-мæ, æмæ ныр автор æнхъæлмæ кæсы хатдзæгтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0