Хуссар Иры арӕны цур федтой америкайаг ӕнӕпилотон хӕдтӕхӕг, хъусын кӕны республикӕйы ПӔК

© Photo : U.S. Air Force/Bobbi ZapkaХуссар Иры арӕны цур федтой америкайаг ӕнӕпилотон хӕдтӕхӕг, хъусын кӕны республикӕйы ПӔК
Хуссар Иры арӕны цур федтой америкайаг ӕнӕпилотон хӕдтӕхӕг, хъусын кӕны республикӕйы ПӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Рафыссын
Сӕрмагонд службӕйы ма сбӕрӕг кодтой, хуссарирыстойнаг хъӕу Уисты (Цънелис) цур фӕзындысты Гуырдзыстоны Хъахъхъӕнынады тыхты разысгарӕн департаменты ӕфсӕддонтӕ

ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) радзырдтой америкайаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппарат Global Hawk RQ-4B-ы тыххӕй, кӕцы уагъта уӕлдӕфон разысгӕрст Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хуссайраг арӕнты цур. Цаутӕ сбӕрӕг кодтой 14 ӕмӕ 21 январы, дзырдӕуы ПӔК пресс-службӕйы хъусинаджы.

"Ӕнӕпилотон тӕхӕг аппарат ратахт НАТО авиабазӕ "Сигонелла"-йӕ (Сицилия, Итали), рацыд хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг ӕмӕ уӕрӕсейаг-гуырдзиаг паддзахадон арӕны хуссайраг фарсыл Шида-Картли, Мцхета-Мтианети ӕмӕ Кахетийы территориты сӕрмӕ", - банысан кодтой комитеты.

Хуссар Иры арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2021
Хуссар Иры арӕны режим фехалджыты нымӕц дыууӕ хатт фӕкъаддӕр – ПӔК
Афтӕ ма ПӔК фехъусын кодтой, Уисты хъӕуы районы кӕй фӕзындысты Гуырдзыстоны Хъахъхъӕнынады тыхты разысгарӕн департаменты ӕфсӕддонтӕ.

"Гуырдзиаг разысгарджытӕ, кӕцытӕ сты арӕнгӕрон зонӕйы, ӕххӕст кӕнынц сгарӕн мадзӕлттӕ, афтӕ ма кусынц Хуссар Ирыстоны территоримӕ рейдтыл, цӕмӕй аразой алыгъуызон диверситӕ", - дзырдӕуы уагоны хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр, ПӔК банысан кодтой гуырдзиаг ӕхсӕнадон ӕмӕ ӕнӕкоммерцион организациты архайд, кӕцытӕ мониторинг кӕнынц арӕнгӕрон зонӕ ӕмӕ раргом кӕнынц Тбилисы режимы агрессивон фӕндтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0