Хуссар Иры рынчындоны фехӕлд гемодиализы ифтонгад

© Sputnik / Ян ГабараевХуссар Иры рынчындоны фехӕлд гемодиализы ифтонгад
Хуссар Иры рынчындоны фехӕлд гемодиализы ифтонгад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Рафыссын
Рынчынтӕ ӕрвыст цӕуынц организацигонд къордтӕй Дзӕуджыхъӕумӕ, гемодиализ дӕри сын у ӕнӕарӕгъӕй, куыд Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн

ЦХИНВАЛ, 9 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры гемодиализы хайады бахъуыд ӕруромын йӕ куыст. Пациенттӕ ӕрвыст цӕуынц Дзӕуджыхъӕумӕ, фехъусын кодта Sputnik рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира.

КТ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.05.2020
Компьютерон томограф Цхинвалы скусдзӕн цыппӕрӕмы

Гемодиализ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у республикӕйы 16 адӕймагӕн, уыдонӕн сӕ иу хай - 7 адӕймаджы ацыдысты Дзӕуджыхъӕумӕ, аннӕ фараст та ацыдысты абон. Пациенттӕ ӕрвыст цӕуынц сӕ процедураты фӕткмӕ гӕсгӕ.

Цӕгат Иры гемодиализы центримӕ фидар ӕрцыд бадзырд, цӕмӕй уӕлвӕткон уавӕрты исой рынчынты Цхинвалӕй.

"Фӕдзырдтам уӕрӕсейаг специалистмӕ. Раивдзысты насос. Хайады хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ифтонгады цалцӕг ӕрцӕудзӕн дыууӕ бонмӕ,- загъта Быценты Индира.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчынтӕ ӕрвыст цӕуынц организацигонд къордтӕй, гемодиализ дӕр сын у ӕнӕарӕгъӕй, куыд Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0