Джусойты Нафийы ном сæнусон кæндзысты Дæуджыхъæуы

© Sputnik / Александра АлбороваДжусойты Нафийы хæдзар
Джусойты Нафийы хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2021
Рафыссын
Ӕхсæнадон архайæг Челæхсаты Хъазбеджы ныхæстæм гæсгæ, Нафийӕн цырт хъæуы сæвæрын йæ райгуырæн хъæуы

ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд Джусойты Нафийы ном лæвæрд æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуæн, ацы фарстыл уынаффæ цыд Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы рабадтыл.

Цалдæр азы размæ Цхинвалы Мæскуыйаг микрорайоны уынгтæй иуæн радтой номдзыд ахуыргонды ном.

Джусойты Нафи - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2017
Нафи

2015 азы хӕрзаудӕн фонд "Амонд" бакодта Джусойты Нафийы номыл æрвылазон аив литературон конкурс. Фонды разамонæг Челæхсаты Хъазбеджы ныхæстæм гæсгæ, Нафийӕн Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты уынг кӕй дӕттынц, уый хорз хабар у, фӕлӕ ма йын йын йӕ ном сӕнусон кӕнын хъӕуы Хуссар Ирыстоны дӕр.

"Хетӕгкаты Къостайы фӕстӕ махмӕ Нафийæ стырдӕр гоймаг нӕй. Ӕгӕр стӕм Иры хуыздӕр поэттӕй иу Плиты Грис дзы кӕд хистӕр уыд, уӕддӕр ӕй йӕ ахуыргӕнӕг хуыдта. Хъӕуы йын йӕ райгуырӕн хъӕуы сӕвӕрын цырт, хицауады науӕд та фонды хӕрдзтӕй. Стӕй уый стыр ахуыргонд уыд ӕмӕ хъуамӕ ахуырадон уагдонӕн йӕ ном радтой", - загъта Челæхсаты Хъазбег.

Уый ма бафиппайдта, кæд Цхинвалы уынгтæй иу хæссы Нафийы ном, уæддæр уый горæты кæрон кæй ис, уый раппæлинаг нæу.

"Джусойты Нафи ӕмӕ Хъуылымбегы Торез уыцы адӕм нӕ уыдысты, цӕмӕй сын фӕсфӕдты радтой уынгтӕ", - радзырдта Челӕхсаты Хъазбег

Джуссойты Нафи йæ цардæй ахицæн 92 азы кары. Номдзыд ахуыргонд йе ʻнусон бынат ссардта Ирыстоны кадджын адæмы пантеоны.

Нафи бахаста егъау хайбавæрд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады рæзтмæ, цалдæр хатт æвзæрст æрцыд республикæйы закондæттæн органы депутатæй. Хæрзæхджын у "Кады нысан"-ы орденæй. У Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.

Ног хабӕртты лентӕ
0