Хуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы

© Комитет по молодежной политике и спорту РЮОХуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы
Хуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджытӕ ӕртыккаг аз хайад исынц ацы ерысты. Ацы аз нӕ республикӕйы кад хъахъхъӕнынц 12 спортсмены

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы ерысты фыццаг бон Ессентукы, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Сгуыхт тренер Клюкины номыл турниры хуссарирыстойнаг командӕйы кад хъахъхъӕнынц 12 спортсмены. Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджытӕ ӕртыккаг аз хайад исынц ацы ерысты.

© Комитет по молодежной политике и спорту РЮОХуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы
Хуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2021
Хуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы
"Уӕгъдибар стилы 200 метры дистанцимӕ фыццаг бынат бацахста Уалыты Даяна, уыимӕ иумӕ ӕвзонг спортсменкӕ сфидар кодта турниры ног рекорд. Дыккаг сыгъзӕрин майдан нӕ командӕйӕн ӕрхаста Тасойты Арсен 50 метры дистанцийыл баттерфляй стилӕй. Афтӕ ма уый рамбылдта бронзӕйон майдан уӕгъдибар стилӕй 50 метры дистанцимӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ спортсменты тренер, Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеевайы ныхӕстӕ.

Тренер банысан кодта, спортсментӕн разӕй кӕй ис нырма ерысты дыууӕ боны ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, ленкгӕнджытӕ кӕй ӕрхӕсдзысты бирӕ майдантӕ.

© Комитет по молодежной политике и спорту РЮОХуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы
Хуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2021
Хуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы
Ног хабӕртты лентӕ
0