Цхинвал ӕрфысым кӕндзӕн Цӕгат Иры Ирон театры

© culture.ruЦхинвал ӕрфысым кӕндзӕн Цӕгат Иры Ирон театры
Цхинвал ӕрфысым кӕндзӕн Цӕгат Иры Ирон театры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.02.2021
Рафыссын
Сфӕлыстадон коллектив ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ апрелы, уымӕй размӕ гастрольтӕ фӕкъуылымпы сты пандемийы аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 11 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны Тӕбӕхсаты Балойы номыл паддзахадон академион ирон театр ӕрцӕудзӕн гастрольты Цхинвалмӕ уалдзӕджы, фехъусын кодта Sputnik уагдоны директор Уалыты Мӕдинӕ.

Дыууӕварсон гастрольтӕ уымӕй размӕ къуылымпы кодта коронавирусы фӕдыл уавӕр. Мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуынц дыууӕ сфӕлыстадон коллективы хсӕн бадзырды фӕлгӕтты, кӕцы фидар ӕрцыд 2019 азы.

"Нӕ уазджыты репертуар нырма фидаргонд не рцыд, фӕлӕ хъуамӕ уа ӕппӕтварсон - уыдзӕн дзы комеди, трагеди ӕмӕ аргъау", - загъта директор.
Тагъд премьера: театры равдыста комеди аивадон советӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.02.2021
Тагъд премьерӕ: театр равдыста ног комеди аивадон советӕн

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бынӕттон кӕсӕгӕн фадат уыдзӕн ӕввахс рӕстӕджы спектакль "Бременские музыканты" фенын дыууӕ труппӕйы ӕххӕстӕй.

"Спектакль равдисдзысты Ирон театры труппа Цхинвалы. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры дӕр спектаклыл срӕвдз кӕндзысты куыст",- бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны сфӕлыстадон къорд та Дзӕуджыхъӕумӕ фӕнд кӕны ацӕуын фӕззӕджы райдайӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0