Хуссар Иры коронавирусы инфекциимӕ рынчындонмӕ бахаудтой цыппар сывӕллоны

© SputnikСывӕллӕтты рынчындон
Сывӕллӕтты рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2021
Рафыссын
Уыцы цыппарӕй дарддӕр аннӕ сывӕллӕттӕй коронавирус кӕмӕн сбӕлвырд кодтой, уыдон хос кодтой хӕдзӕртты

ЦХИНВАЛ, 12 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕй коронавирусӕй чи фӕрынчын ис, уыдонӕй ӕрмӕст цыппары бахъуыд стационарон уавӕрты хос кӕнын, аннӕттӕ нӕ хауынц астӕуккаг уӕззау рынчынтӕм дӕр. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты рынчындоны поликлиникӕйы хайады хистӕр Хӕныкъаты Лариса.

 Хӕбӕлаты Аза - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.01.2021
Хуссар Иры финансты министрыл бахӕцыд коронавирус

Уыцы цыппарӕй дарддӕр аннӕ сывӕллӕттӕй коронавирус кӕмӕн сбӕлвырд кодтой, уыдон хос кодтой хӕдзӕртты.

"Ацы цыппар сты хицӕн кары - иу аз ӕмӕ ӕрдӕгӕй 15 азы онг. Дыууӕ сабийӕн коронавирусы инфекци уыд тӕнгты формӕйы. Сывӕллӕттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты рынчындонӕй ӕмӕ хос кӕнынц амбулаторон уавӕрты", - загъта уый.

Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕттӕ ацы низ хӕссынц ӕнцондӕрӕй.

"Иуӕй сын ӕххуыс кӕны кар, стӕй сын ницы патологи вӕййы сывӕллӕттӕн", - бафтыдта Хӕныкъаты Лариса.

Ног хабӕртты лентӕ
0