Дзудцаты Тамерлан: Галуанты Люда у Ирыстоны стъалытæн се 'стырдæр

© Из личного архива Тамерлана ДзудцоваДзудцаты Тамерлан
Дзудцаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ииуыл зынгæдæр актрисæтæй иу Галуанты Люда 14 февралы нысан кæны йæ райгуырæн бон. Паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан радио Sputnik эфиры радзырдта Галуанты Людмилайы сфæлдыстады тыххæй
Дзудцаты Тамерлан: Галуанты Людмилæ у Ирыстоны актрисæтæн се стыр дæр стъалы

Гениалон актрисæ, курдиатджын поэт, стыр адæймаг - ацы миниуджытæ иууылдæр Дзудцаты Тамерлан балæвар кодта Ирыстоны адæмон артисткæ Галуанты Людмилайæн.

"Нæ дызæрдыг кæнын æмæ йæ зæгъдзынæн, Люда кæй у стыр дамгъæтæй фыст гениалон актрисæ", - загъта Тамерлан.

Ирон актирсæтæй иууыл гениалоныл дæр нымад уыд Дзаттиаты Сона, фæлæ, режиссеры хъуыдымæ гæсгæ, Людмила дæр уый æмрæнхъ лæууы театралон дунейы.

"Люда сценæйыл иу фæлгондз дæр нæ сарæзта хыгъдмæ бахæссынæн, фæлæ алкæцыйыл дæр лæмбынæг бакусы æмæ нæ фæлхатт кæны йæхи сценæйыл", - банысан кодта режиссер.

Дзудцаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, Галуанты Людмила спектакль "Ныййарæджы кадæг"-ы тыххæй у Гиннессы чиныгмæ хæссинаг. Ацы спектакль фыццаг хатт сценæйыл сæвæрдта Хъайырты Владимир, Людмила ахъазыд уым сæйраг роль хæрз æвзонг чызгæй. Дыккаг режиссер та уыд Анатолий Азаревич, актрисæйыл уæд 40 азы æххæст кодта. Æртыккаг режиссер - Дзудцаты Тамерлан 2015 азы сывæрдта ацы спектакль æмæ уым дæр сæйраг роль ахъазыд Галуанты Людмилæ, уыцы рæстæджы актрисæйыл æххæст кодта 80 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0